Цæхæра

Цæхæра кæнæ дзæхæра, æндæр вариант у къуымбыл[1], дыгур. къумбул (лат. Beta vulgaris) у адæмы уарзондæр хæринæгтæй иу. Аргъ та йын уымæн кæнынц, æмæ хъæздыг у урсæгтæ, æвзалыдон æмæ аскорбины туагадæй. Бирæ дзы ис æнæмæнгхъæугæ минералон цæххытæ: калий, кальций, натрий, фосфор, марганец, æфсæйнаг, йод, кобальт.

Цæхæра
Зонадон классификаци
Паддзахад:
Къорд:
Caryophyllales
Бинонад:
Amaranthaceae
Дæлбинонад:
Трибæ:
Beteae Volkens, 1893
Мыггаг:
Цæхæра
Хуыз:
Цæхæра
Æхсæнадæмон зонадон ном
Beta vulgaris L., 1753

Амонынц æй, йæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у, йæ нервыты аххосæй мæстыгæр чи у, йæ рæуджытæ сахъат кæмæн сты, уыдонæн. Дзæбæх дзы кæнынц сæкæрниз, тынг нард рынчынтæ. Базеды низæй чи сæйы, уымæн йæ, уартæнгæс рæзынæг (уырыс. щитовидная железа) кæй хонынц, уый активон куыст фæсабырдæр кæны. Цæхæра æнæмæнгхъæугæ хæринаг у, йæ гуыбын кæмæн фæхус вæййы, уымæн.

Æхсæрдæсæм æнусы йæ нæ рагфыдæлтæ бердзенты бæстæйæ куы æрбаластой, уæдæй абонмæ дзы адæм пайда кæнынц, куыд хæрзад халсарæй. Хæрынц æй доны, духовкæйы фыхæй. Кæнынц дзы борщ æмæ туагдзæхдон (уырыс. окрошка). Цæхджын æй кæнынц хибарæй, фæлæ цывзыйы цъæрттимæ та у уæлдай хæрзаддæр. Нæ разагъды бæркадкъух æфсинтæ йын йæ сыфтæй чъиритæ куы ракæнынц, уыдонæн та дзы æмбал нæй.

Сырх цæхæрамæ ма ис иу диссаджы миниуæг. Дохтыртæ йæ амонынц къуыдилы (уырыс. рак) кæмæн ис, уыцы рынчынтæн дзæбæх кæнынæн æмæ сæ не ’руадзынмæ.

Сæкæры цæхæра

Цæхæрайы сæрмагонд хуызтæй чындæуы сæкæр.

Сæкæры цæхæрайы тыллæг бæстæтæм гæсгæ

2003-2004 нымæцтæ
ИНО-йы FAOSTAT-мæ гæсгæ

Франц2935829613 %2941900012 %
АИШ2774443012 %2700235011 %
Герман2375606010 %2548673211 %
Уæрæсе193836408 %185000008 %
Турк126229005 %139650006 %
Украинæ133920006 %136600006 %
Польшæ117395095 %114718005 %
Итали97260004 %100000004 %
Æндæр бæстæтæ8511348337 %8834448037 %
Æдæппæт232836318100 %237849362100 %

Кæс ноджы

Литературæ

  • Красочкин В. Т., Свекла, М. — Л.,1960;
  • Карпенко П. В., Свекловодство, 3 изд., М., 1964;
  • Сортоописание овощных бахчевых культур и кормовых корнеплодов, М., 1965;
  • Биология и селекция сахарной свеклы, М., 1968;
  • Культурная флора СССР, т. 19 — Корнеплодные растения, Л., 1971.

Фиппаинæгтæ