Хъырымы хæст

Хъырымы хæст (уырыс. Крымская война, тур. Kırım Savaşı) кæнæ Скæсæны хæст у, 1853—1856 азты Уæрæсейы империйы ныхмæ цы хæст цыдис, уый. Йæ иннæ фарс уыд бирæ бæстæты коалици, йæ сконды Бритайнаг, Францаг, Османты импери æмæ Сардинийы къаролад, афтæмæй.

Хæст цыдис Кавказы, Дунайы кънйазæдты зæххыты, Балты, Сау, Азовы æмæ Урс æмæ Баренцы денджызты, стæй ма Курилы сакъадæхтыл. Уæлдай тыхджындæр тох цыдис Хырымы, æмæ уый тыххæй Уæрæсейы хæстæн радтой Хъырымы хæсты ном.

Хæсты фæстиуджытæ

Хъырымы хæсты мемориал Лондоны

13 (25) февралы 1856 райдыдта Парижы конгресс, а 18 (30) мартъийы та бафыстæуыд фидыд, кæцымæ гæсгæ:

  • Уæрæсе Туркæн фæстæмæ радта Хъарсы сахар æмæ фидар, фæлæ Севастополь æмæ иннæ Хъырымы цæрæнрæттæ нæ фесафта.
  • Сау денджыз сси нейтралон (ома сабыр рæстæг дзы никæй хотыхджын наутæн ленк кæныны бар уыдис).
  • Дунайы ууылты науцæуæн сси сæрибар, уымæн уырыссаг арæн адард кодтой цæугæдонæй дарддæр, Дунайы дельтæ баззадис Османты империйы мидæг.
  • Уæрæсе фесафта, Кючук-Кайнарджайы фидыд 1774-æм азы йын Молдави æмæ Валахийыл цы протекторат радта, уый.
  • Уæрæсе дзырд радта Аланды сакъадæхтыл фидартæ никуы аразын.

Цæдисонты къухзы бафтыд Уæрæсейы тæваг Балкантыл фæкъаддæр кæнын æмæ йæ Сау денджызы флот фесафын.

Литературæ