Стара-Загорæйы облæст

Стара-Загорæйы облæст (болг. Област Стара Загора) — облæст Болгарийы централон хайы, ацы бæстæйы 28 облæстытæй иу, йæ фæзуатмæ гæсгæ 5-æм. Сæйраг сахарСтара-Загорæ, цæрджытæ — 371 917 адæймаджы (2008 азы 16 июнмæ гæсгæ)[2].

Облæст
Стара-Загорæйы облæст
болг. Област Стара Загора
42°25′00″ с. ш. 25°30′00″ в. д.HGЯO
ПаддзахадБолгари Болгари
Админ. центрСтара-Загорæ
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ1999-æм азы 8 январы
Фæзуат
  • 5152 км²
Сахатон тагEET (UTC+2, сæрды UTC+3)
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2BG-24
Автомобилон кодСТ
Официалон сайт
Стара-Загорæйы облæст картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Облæсты фæзуат — 5151 км². Регистрацион код — СТ

Цæрджытæ

Куыд æппæт бæстæйы, афтæ Стара-Загорæйы облæсты дæр цæрджыты нымæц къаддæр кæны. Уымæн йæ аххосты ’хсæн сты интенсивон миграци æмæ чысыл гуырынад.2005 азы облæсты цардысты 410 мин адæймаджы, 2007 азы та — æрмæст 389 мин.

Стырдæр сахартæ сты Стара-Загорæ (183 мин) æмæ Казанлык (90 мин).

Экономикæ

2003 азы Старæ-Загорæйы облæст ахста Болгарийы облæстыты ’хсæн æртыккаг бынат адæймаджы размæцыды индексмæ гæсгæ (ИНО-йы официалон доклад). 2004 азы фæсарæйнаг инвестицитæ облæстмæ уыдысты 838 милуан евройы, кæд æмæ æппæт бæстæмæ бацыд 2.020 млн (ома, æппæт фæсарæйнаг инвестицитæй 41,5%). Уыцы ’хцайæ фылдæр хай цыд энергетикæмæ — энергетикон комплекс Марицæ Изток аразынмæ.

Стара-Загорæйы облæсты лæууы бæстæйы стырдæр бæгæныуадзæн завод — «Загорка», кусынц дзы 800 адæймаджы. «Загорка» уадзы Болгарийы бæгæныйæ 30%. Æндæр куыстуæтты ’хсæн тамакойы комбинат «Слънце — БТ — Стара Загора», макаронтæуадзæн завод «Загария», хойраджы индустрийæн машинæтæаразæн завод «Хранинвест — Хранмашкомплект», згъæры конструкциты завод æмæ æндæртæ.

Облæст у хъæууон хæдзарады ахсджиаг регион. Садзынц дзы мæнæу, техникон культурæтæ, халсартæ, сæнæфсир. 1950 азæй фæстæмæ дарынц фысвосы бынæттон хуыз — лыстæг къуымбил дзы райсынмæ.

Стара-Загорæ у Хуссар Болгарийы ахсджиагдæр транспортон æлхынцъытæй иу. Ууыл цæуы æфсæнвæндаджы къабаз Русе — Подковæ.

Æмгуыстад

Стара-Загорæйы облæстмæ ис сæрмагонд культурон æмæ экономикон бастдзинад уæрæсейаг Самарæйы облæстимæ (1999 азæй).

Фиппаинæгтæ