Дудгæ

Дудгæ, вариант: дудаг[1], кæнæ хъыцъы[2], дыгур. дзодзæги (лат. Lepidium sativum; уырыс. Кресс-салат) у цæхæрадоны популярон зайæгой, йæ сыфты бон у хæрдмæ метры фылдæр æрзайын. Ацы хæрзад кæрдæг уарзон у алы кары адæймагæн дæр, бирæ культурæты Европæ æмæ Азийы. Базарты тæрхæджытæй дæр уымæн нæ цух кæны сæрдæй-зымæгæй. Хæрынмæ у фæлмæн, донджын. Хæрынц æй салаттимæ, бафтауынц æй дзидза æмæ кæсаджы алыхуызон хæринæгтыл.

Дудгæ
Зонадон классификаци
Паддзахад:
Къорд:
Brassicales
Трибæ:
Lepidieae
Мыггаг:
Lepidium
Хуыз:
Дудгæ
Æхсæнадæмон зонадон ном
Lepidium sativum L., 1753

Адæмон хосгæнджытæ дудгæйæ пайда кæнынц цинга æмæ туджы низты ныхмæ. Дзæбæх дзы кæнынц сывæллæтты низтæ золотухæ, диатез, хæлмæгтæ. Хæфгæнæг хъæдгæмттæн дзы аразынц сæрдгæ хос царвимæ.

Фиппаинæгтæ